Top

Æмкъайад, æмкъайады æрурæд, хæлцы райст

ონლაინ დახმარება

 

Куыд цæуы æмкъайады регистраци?

Æмкъайады регистраци æрцæуы Гуырдзыстоны юстицийы министрады æхсæнадон барады юридикон гоймаджы паддзахадон сервисты рæзынады агентады территорион куыстуаты æмкъайады бацæуæг гоймæгты рдыгæй равзæрст бынатмæ гæсгæйæ.

Пенитенцион уагдоны æвæрд гоймаджы æмкъайады регистраци æххæст цæуы ацы уагдоны специалонæй рахицæнгонд бынаты.

 Æмкъайад гæнæн ис сæххæст кæна нотариус дæр делегирон барлæвæрды фæлгæтты.

 

У æви нæ арæнгонд æмкъайадон кар?

  • Æмкъайадон карæн бæрæггонд у æстдæс аз.
  • Æнæххæстаздзыд гоймаджы æмкъайадыл тыхбындзинад æвдисы уголовон фæдыл зилыны бындуры.

 

Фæзынын  кæны æви нæ æмкъайады бацæуæг гоймæгты разыдзинад (нысангарз дæттын) æмкъайады хæсдзинады

Æмкъайады бацæуæг гоймæгты развæлгъау разыдзинад (нысангарз дæттын) нæ фæзынын кæны фæстæдæр æмкъайады хæсдзинады. Нысангарзимæ бастгонд лæвæртты фæстæмæ раздахынц фæрстæ уыцы цауы, кæд æмкъайады нæ бацæуынц. Нысангарз дæттын нæу тæрхондон æгъдауæй тыхбынæй æмкъайады скæныны бындур.  

 

Цахæм цауы уагъд не рцæудзæн æмкъайад скæнын

Æмкъайад скæнын уагъд не рцæудзæн: 

  • Уыцы гоймæгты хсæн, кæцытæй иу у æндæримæ æмкъайады;    
  • Комкоммæ, хæстæджыты хсæн; 
  • Биологион æмæ æнæбиологион хо æмæ фсымæры хсæн; 
  • Кæнгæ ныййарæг æмæ кæнгæ хъæбулы хсæн;
  • Уыцы гоймæгты хсæн, кæцытæй иу æххуыс райсæг у æмæ кæцытæ не рывæрдтой æмкъайон бадзырд;

 

Кæд ис гæнæн æвæрд æрцæуа æмкъайадон бадзырд?

Æмкъайадон бадзырд гæнæн ис æвæрд æрцæуа æмкъайады регистрацийы агъоммæ æмæ æмкъайады регистрацийы фæстæ кæдфæнды рæстæджы дæр; кæцыйæ арæнгонд цæуы сæ исадон бартæ æмæ хæсдзинæдтæ куыд æмкъайады дæргъы, æфтæ æмкъайады æруромгæйæ.

Æмкъайадон бадзырд æмкъайады регистрацийы агъоммæ хъуамæ æвæрд æрцæуа, кæд сæ иу æххуысисæг у. Æмкъайадон бадзырды æвæрды процессы æнæмæнгхъæугæ у æвджиддары æмæ  аудындзинады орган, афтæ ма, фарсхæцæгы хайад исын уыцы хайы, кæцы арæнгонд у тæрхондоны аккаг скъуыддзагæй.

 

Цы у æмкъайады æрурæды бындур?

  Æмкъайады æрурæды бындуртæ сты:

  • Дыууæйæ сæ иуы амæлæт; 
  • Закъонæй фидаргонд уагæй  æмкъæйттæй сæ иуы амæлæгыл банымайын;
  • Æмкъайады ахицæн.

 

Куыд æрцæуы æмкъайады ахицæн?

Дыууæ æмкъайы разыдзинады цауы  æмкъайады ахицæн æрцæуы Гуырдзыстоны юстицийы министрады паддзахадон сервисты рæзынады агентады территориалон куыстуаты (юстицийы хæдзары). Банысангонд органмæ дыууæ дæр иумæйаг курдиат бадæттынц кæнæ сæ закъонон бæрноны фæрцы лæвæрд æрцæуы курдиат.

Кæд æмкъайты æхсæн уæвы дау ахицæн æрцæуы тæрхондоны уагæвæрдæй.

Æмкъайады ахицæн гæнæн ис сæххæст кæна нотариус дæр делегирон барлæвæрды арæнты.  

 

Кæцы цауы гæнæн ис, цæмæй паддзахадон сервисты рæзынады агентады территориалон куыстуатмæ æмкъайтæй сæ иу курдиат бадæтта æмæ æркура æмкъайады ахицæны  

Гуырдзыстоны юстицийы министрады паддзахадон сервисты рæзынады агентады терри­ториалон куыстуатмæ бадæтта курдиат  æмæ æмкъайады ахицæн кæнын æркурыны бар ис æмкъай­тæй сæ иуæн, кæд:

  • Ис тæрхондоны скъуыддзаг ахицæны тыххæй;    
  • Дыккаг æмкъай закъонæй фидаргонд уагæй нымад у æбæрæг сæфтыл; 
  • Дыккаг æмкъай ахæстоны бады æртæ азы æмгъуыдмæ. 

 

Кæцы цауы уагъд нæ цæуы æмкъайады ахицæн?

Усы сывæрджыны рæстæджы æмæ сывæллоны райгуырдæй иу афæдзы дæргъы лæгæн бар нæй æмæ усы нæразыйы æдде бадæтта курдиат ахицæны фæдыл. 

 

Хъуамæ ахицæны тыххæй регистраци скæна æви нæ тæрхондоны скъуыддзаг агентады?

Æмкъайады ахицæны фæдыл тæрхондоны скъуыддзаг хъуамæ регистраци скæна Гуырдзыстоны юстицийы министрады  паддзахадон сервисты рæзынады агентады территориалон куыстуаты кæнæ юстицийы хæдзары. Æмкъайады ахицæны цауы æмкъайад æрурæдыл нымад цæуы ахицæны регистрацийы моментæй.

 

Куыд æххæст цæуы æмкъайты ахицæны цауы мулк адих кæнын?

Æмкъайты рдыгæй æмкъайады дæргъы ссаргæ мулк уыдонæн иумæйаг сæрмагонд исад у уыцы цауы дæр, кæд æмæ сæ иу хæдзары куыстытæ кодта æмæ йын нæ уыд йæхи æфтиаг.

 

Хæсджын сты æви нæ æмкъайтæ кæрæдзийæн æххус кæной?

Æмкъайтæ хæсджын сты материалонæй кæрæдзийæн æххуыс кæной. Ахæм æххуысыл нæ зæгъгæйæ кæнæ/та хæлц райсыныл æмкъайты хсæн разыдзинады уæвгæйæ тæрхондоны уагæй  хæлцы райсыны бар сын ис: æнæкуыстхъом æмкъайæн, кæцыйы хъæуы материалон æххуыс, усæн – сывæрджыны рæстæджы æмæ сывæллоны райгуырдæй æртæ азы дæргъы.

 

Баззайдзæн ын æви нæ æгуыстхъом æмкъайæн ахицæны фæстæ хæлц райсыны бар?

Æгуыстхъом æмкъай, кæцыйæн æххуыс хъæуы йе мкъайæ, ахицæны фæстæ дæр ын баззайдзæн æххуыс райсыны бар, кæд уымæн кусын йæ бон нæ уыдзæн ахицæнæй иу азы дæргъы.

 

Гæнæн ис æви нæ æмкъай дарыны хæсдзинадæй ссæрибаргонд æрцæуа?

Тæрхондонæн йæ бон у ссæрибар кæна æмкъай дарыны хæсæй кæнæ та бæрæг æмгъуыдæй фæива ацы хæсы, кæд уыдон æмкъайады уыдысты цыбыр рæстæгæй, кæнæ та материалон æххуысы æркурæг æмкъай æнаккаг ми сарæзта  хæлц фидæджы рдæм, афтæ ма, кæд материалон æххуысы æркурæг æмкъайы æгуыстхъомдзинад расайгæ у алкоголон нозтæй кæнæ наркотиктæй пайдагæнгæйæ.

 

Цæмæ аздахдзæн йæ хъусдард  хæлцы бæрцыды бæрæггæнгæйæ?

Æмкъайы пайдайæн фидинаг хæлцы бæрцад бæрæггонд цæуы æрвылмæйон фидинаг æхцайы суммæйы хуызæй, æмкъайты материалон æмæ бинонты уавæрмæ гæсгæйæ.