Top

Социалонæй æнæхъахъхъæд бинонты бæрæггæнæнты иугонд базæйы регистрацийы фæтк

ონლაინ დახმარება

 

Куыд цæуы социалонæй æнæхъахъхъæд  бинонты бæрæггæнæнты иугонд базæйы регистраци?

Базæйы регистрацийæн хъæугæ у бинонтæй сæ иу  æххæстаздзыд  уæнг цæрæн бынатмæ гæсгæйæ бадæтта курдиат социалон лæггæдты агентады территориалон органмæ æмæ ныффыса курдиат социалонæй  æнæхъахъхъæд  бинонты бæрæггæнæнты иугонд базæйы регистрацийы тыххæй. 

Бинонтæ бæрæггæнæнты базæйы регистрацигондыл нымад сты, кæд сын лæвæрд уыдзæн рейтингон бал.

Рейтингон бал лæвæрд æрцæудзæн курдиат бадæттынæй 3 мæйы æмгъуыдмæ.

 

Цы фæстиуæг уыдзæн курдиат ныффысынæн?

Курдиат ныффыстæй 1 мæйы дæргъы æмбæлон  адрисыл курдиатбадæттæгмæ хæдзармæ æрбацæудзæн социалон агент, кæцы басгардзæн бинонты мулк, æфтиаг æмæ хæрдзты, Басгæрсты фæстиуæгæн едзаг кæны бинонты деклараци. Уый фæстæ бинонты басгарынæй  1 мæйы фæстæ, бинонтæн йæ исадон  уавæрмæ гæсгæйæ  лæвæрд цæуы рейтингон бал.

Рейтингон балæй бæрæггонд цæуы уый, æмæ цахæм хуызы æххуыс райсдзæн бинонтæ паддзахадæй. Æххуыс гæнæн ис æмæ уа материалон æмæ æнæматериалон исадон хæрзиуæг, кæцы арæзт у агурджыты социалон-экономикон уавæрты фæхуыздæр кæныны рдæм

Цæрыны æххуысдзинады бæрцад вæййы бинонты уæнгты нымæцмæ гæсгæ æмæ лæвæрд­гонд рейтингон балмæ гæсгæ.

Цæрыны æххуысдзинад нысангонд æрцæуы бардзинады  фæзынды мæйæ,  цæрыны  æххуысдзинады снысаны тыххæй,  æвæрæз бинонты ныффысгæ курдиаты бындурыл.

 Æвæрæз бинонтæн цæрыны  æххуысдзинады райсыны бар лæвæрд цæуы рейтингон балы лæвæрды мæйæ дыккаг мæйы.

Бинонты декларацийы байдзаг кæнгæйæ кæцы гоймæгтæ не ‘рцæудзысты хаст бинонты скондмæ?

  • Ахæстоны уæвæг тæрхонгонд, кæцы закъононæй бады;   
  • Тыхфæлгъуыдæй хоскæнынмæ æрвыст гоймаг; 
  • Æмгъуыдон æфсæддон службæйы уæвæг гоймаг (уыцы гоймагæй дарддæр, кæцы æфсæддон службæйы сæххæст кæнгæйæ æртæ боны иу хатт бинонтæм æрбаз­дæ­хы);  
  • Бæстæйы арæнты æдде фæд-фæдыл æртæ мæйæ фылдæр æмгъуыдæй ацæуæг гой-маг;
  • Тæрхондоны ‘рдыгæй æбæрæг сæфтыл кæнæ мардыл нымадгонд гоймаг;
  •  Специализацион уагдоны æххæст райгонддзинадыл уæвæг гоймаг.

 

Цас уыдзæни æхцайæ æххуыс?

2015 азы 01 мартъийы онг уыцы бинонтæн, кæцыты рейтингон бал у 57001-онг, цæрыны æххуысдзинад уыдзæн:

  • Иу удон бинонтæн – 60 ларийы;
  •  Дыууæ æмæ фылдæр удон бинонтæн 60 ларимæ бафтдзæн 48 лари бинонты алкæцы иннæ уæнгæн.

2015 азы 01 майы фæстæ бинонтæн  æхцайæ æххуысы бæрцад бæрæггонд цæуы ахæм хуызæй:  

  • Бинонтæ, кæцыйы рейтингон бал 30001-æй къаддæр у, бæрæггонд цæуы 60 ларийæ бинонтæй алы уæнгыл;
  •  Бинонтæ, кæцыйы рейтингон бал 30001-æй фылдæр у, фæлæ къаддæр у 57001 балæй, бæрæггонд цæуы 50 ларийæ бинонтæй алы уæнгыл;
  • Бинонтæ, кæцыйы рейтингон бал 57001-æй фылдæр у, фæлæ къаддæр у 60001 балæй, бæрæггонд цæуы 40 ларийæ бинонтæй алы уæнгыл;
  • Бинонтæ, кæцыйы рейтингон бал 60001-æй фылдæр у, фæлæ къаддæр у  65001 балæй, бæрæггонд цæуы 30 ларийæ бинонтæй алы уæнгыл;
  • Бинонтæ, кæцыйы рейтингон бал 100001-æй къаддæр у, бæрæггонд цæуы 10 ларийæ бинонтæй алы 16 азы кары уæнгыл.

 

Кæцы цауы гæнæн ис æрлæууа социалон æххуысы лæвæрд:

  • Кæд бинонтæ æдзухæй нæ цæрынц базæйы амындгонд адрисыл;
  • Бинонтæ аразгæйæ сты кæрæдзийæ хицæнгонд;  
  • Бинонтæ аразгæйæ сты иумæ баиугонд; 
  • Фæивта бинонты сконд; 
  • Бинонтæм бафтыд æххæстаздзыд уæнг; 
  • Бинонтæм сабийы райгуырдæй æмæ фæстаг басгарынæй аивгъуыдта 2 азæй фыл­дæр; 
  • Бинонтæ нæ зæгъынц цæрыны  æххуысдзинады снысан кæныныл; 
  • Бинонтæм ногæй фæзынгæ уавæртæм гæсгæ хъæуы уæлæмхас басгарын. 

 

Цы факторты æндæвдад  гæнæн ис фæзына социалон æххуысыл?

Цæрыны  æххуысдзинады райсын, æрлæууын кæнæ фæивын баст у ахæм фактивон уавæр­тыл: 

  • Бинонты уæнгты бæрцады ивддзинад (райгуырд, амæлæт, æмкъайад æмæ æнд);  
  • Бинонты уæнгæн цыбыр фадæтты уæвæг статусы раттын кæнæ фесафын; 
  • Куыст, легалон æфтиаг;  
  • Афтæ ма закъонæй фидаргонд æндæр цаутæ. 

 

Арæнгонд цæуы æви нæ цæрыны æххуысдзинад райсыны бар

Лигъдонтæ, кæцытæ исынц лигъдоны æрвылмæйон æххуысдзинады, æмрæстæджы уыдон нæ райсдзысты цæрыны æххуысдзинад дæр, уыдон хъуамæ сæвзарой сæ иуы.   

 

Цы бартæ йын ис æххуыс исыны бары уæвæг бинонтæн

Æххуысисæг бинонтæн сæ бон у:

  • Райса цæрынын хъæугæ æххуыс;
  • Æркура цæрынын хъæугæ æххуысы бынатмæ æрбахæссын, кæд бинонтæй алы уæнг дæр цæуынхъом нæу;
  • Цæрынын хъæугæ æххуысимæ иумæ райса социалон пакет, паддзахадон пенси/­ком­пенсаци, æндæр индивидуалон социалон æххуыс кæнæ/та æндæр  паддзахадон раттинаг, кæд закъондæттынадæй æндæр исты нæй развæлгъау æркастгонд;
  • Базонгæ уа базæйы уый тыххæй уæвæг информациимæ;
  • Æркура уый тыххæй уæвæг ратгæты ивддзинæдтæ бахæссын;
  • Æркура сфыст социалон æнæхъахъхъæд бинонты ратгæты иууон базæйæ;
  • Спайда кæна закъондææттынадмæ гæсгæ æндæр бартæй.

 

Цы хæсдзинæдтæ йын ис æххуыс исыны бары уæвæг бинонтæн?

Æххуысисæг бинонтæ хæсджын у:

  • Фехъусын кæна  лæггæдты агентадæн бинонты уæнгты сконды æрцæугæ ивддзи­нæдты тыххæй (амæлæты, райгуырды, æмкъайады скæнын, фæсарæнтæм æртæ мæйæ фылдæр æмгъуыдæй ацæуын æмæ æнд.) кæнæ  бинонты социалон уавæры фæхуыздæры тыххæй; 
  • Фехъусын кæна нысангонд агентады  æмбæлон территориалон органæн иу мæйы дæргъы;  

 

Куыд цæуы социалон лæггæдты агентады рдыгæй лæвæрдгонд рейтингон балы тыххæй бахъаст кæнын

Бинонтæ, кæцы  лæвæрдгонд  балимæ нæ разы кæны, йæ бон у æмæ дыккаг хатт бадæтта социалон лæггæдты агентады территориалон куыстуатмæ цæрæн бынатмæ гæсгæйæ æмæ æркура бинонты уавæры ногæй сбæрæг кæнын. Бинонтæ ногæй басгæрсты æххуысы райсын гæнæн ис æркурой сбæрæгæй иу афæдзы рацыды фæстæ .

Ногæй басгарыны рæстæджы пайдагонд æрцæудзæн фыццаг хатты басгарыны æгъдæуттæ, процедурæтæ æмæ æмгъуыдтæ.

Бинонты уавæр ногæй басгаргæйы рæстæджы лæвæрдгонд балыл фæстæмæ та не сразыйы цауы, бинонтæн сæ бон у ацы скъуыддзагыл хъаст бахæсса социалон лæггæдты агентадмæ (централон офисмæ). Административон органы фæстаг скъуыддзагыл гæнæн ис бахъаст кæнын тæрхондоны фæрцы.